НЫСТУАН
Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг, Кæуæгау фæкæса, мыййаг, — Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, Уый зараед йæхи фæндиаг!..
Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хаес, Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ кæуынхъæлæс…